Top.Mail.Ru
Эфир от 19.08.2026 • Выпуск 19 августа 2026 года
Ӕртæвæрсыг къамисы æмбырды ныхас цыд социалон-фæллойадон ахастдзинæдтыл. Стыр æргом аздæхтой кусджыты бартæ хъахъхъæныны гæнæнтæ парахтадæр кæнынмæ. Буроны тъунелы бындурон цалцæг бацыд йæ тæмæны. Куыстытæ фæнд кæнынц 2027-æм азы кæронмæ фæуын. Ныридæгæн специалисттæ систой фæндаджы зæронд уæлцъар. Баххуыс кæнæм иумæ. Хачатрянты бинонтæ дарддæр æмбырд кæнынц фæрæзтæ, сæ фырт Левоны сдзæбæх кæнынæн. Уый тох кæны уæззау низы ныхмæ.
Выпуски
2026