Top.Mail.Ru
Мæздæджы цыди ахуырадон семинар, æхсæнадон цæстдарджытæн егъау ахуырадон марафон • Выпуск 01 сентября 2026 года
Мæздæджы цыди ахуырадон семинар, æхсæнадон цæстдарджытæн егъау ахуырадон марафон. Цалдæр къуырийы дæргъы Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы эксперттæ бæрæг кодтой республикæйы æппæт муниципалон скондтæ. Адæмы зонгæ кодтой æвзарæн хæйтты куысты хицæндзинæдтимæ. Сывæллæтты технопарк "Кванториум"-ы бындурыл семинар арæзт æрцыди æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплаковайы разамындæй. Архайджытæ равзæрстой цы фарстатæ сæ тыхсын кодта, уыдон. Хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ æхсæнадон палатæ бацæттæ кодта мин хæдбар цæстдарæгæй фылдæр. Хæстæгдæр рæстæг сын байуардзысты се взарæн хæйттæм сæрмагонд документтæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1049 выпусков
Выпуски
2026