Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы цæуы форум «АрхАлания» • Выпуск 02 октября 2026 года
Архитектортæ, аразджытæ, амалхъом адæм, проекттæ аразджытæ, профилон факультетты студенттæ. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй архитектурæйы аз æххæст кæнгæйæ, дыууæ боны Дзæуджыхъæуы цæуы форум «АрхАлания». Йæ темæ – «Точка отсчета». Форумы ныхас кæнынц, Цæгат Ирыстоны хъæутæн æмæ горæттæн хæстæгдæр азты цы хуыз уыдзæн, ууыл. Форумы архайджыты раз раныхас кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Раарфæ кодта ацы къабазы хуыздæр минæвæрттæн, æмæ загъта, сæ размæ кæй сæвæрдтой - историон хуыз бахъахъхъæныны хæс. Уыимæ саразын нырыккон æмæ æнцонвадат уавæртæ цæрынæн. Регионы разамонæгæн Уæрæсейы архитекторты Цæдисы номæй лæвæрд æрцыд диплом.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026