Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы стырдæр артаджы станцæты кусын райдайдзысты волонтертæ • Выпуск 06 октября 2026 года
Дзæуджыхъæуы стырдæр артаджы станцæты кусын райдайдзысты волонтертæ. Сæ архайдæн сын æрвылбон  разамынд дæтдзæн црæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад, фехъусын кодта аппаратон æмбырды министры хæстæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, волонтерты архайд  артаджы станцæты кæныны фæндон бахаста республикæйы сæргълæууæг, цæмæй сæ цæст дарой рады чи лæууы, уыдонмæ. Республикæйы хицауады сæргълæууæг Дзанайты Барис та уавæрмæ аздæхта транспорты комитеты сæргълæууæджы ргом. Бирæ хъæстытæ республикæйы цæрджытæй цæуы  бæлццæттæ ласæн транспорты графиктæ кæй халынц, ууыл. Хицауады сæрдар ма бæрнон структурæты æргом аздæхта æрсытæ кæй фæзынд хъæутæм хæстæг, уымæ дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1048 выпусков
Выпуски
2026