Top.Mail.Ru
Эфир от 20.10.2026 • Выпуск 20 октября 2026 года
Дзæуджыхъæуы цæуы Осетинскийы уынджы рацарæзт. Коммуналон хызтæ баивтой, рацарæзтой хæдзæртты рацæуæнтæ, ныр архайынц ног уæлцъар æвæрыныл. Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы æмæ Дзæуджыхъæуы электроникæйы колледжы уыд гом дуæртты иумæйаг бон программæ. Рæзгæ фæлтæры дзы базонгæ кодтой колледжты ахуырадон процессимæ. "Ирон фæндр"-ы 3-аг фестивалы фæлгæты Мæздæджы уыдысты литератортæ, поэттæ, тæлмацгæнджытæ. Делегаци бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы фыццаг фысджыты аллейæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026