Top.Mail.Ru
Хуссар Ирыстоны абон бæрæг кæнынц хæбдардзинады бон • Выпуск 26 августа 2026 года
Хуссар Ирыстоны абон бæрæг кæнынц хæбдардзинады бон. Нысангонд æрцыд 18 азы размæ. Уæд Уæрæсе Хуссар Ирыстон банымадта хæдбар паддзахадыл. Æмæ ныр 26-æм августы бæрæг кæнынц сæйраг паддзахадон бæрæгбæттæй иу. Уый кадæн Хуссар Ирыстоны арæзт цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ. Ацы бон хæдбардзинады бон бæрæг кæнынц Абхазы дæр. 2008-æм азы Мæскуы Гуырдзыйы гæрзифтонг æрбабырсты фæстæ банымадта Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уыцы уынаффæ хаст æрцыд, Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæй 2 къуырийы куы рацыд, уæд.
Выпуски
2026