Top.Mail.Ru
Парламенты депутаттæ рахæцыдысты Дзанайты Барисы кандидатурæйы фарс, ногæй та йæ хицауады сæрдары бынатмæ снысан кæныны тыххæй • Выпуск 25 сентября 2026 года
Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ рахæцыдысты Дзанайты Барисы кандидатурæйы фарс, ногæй та йæ хицауады сæрдары бынатмæ снысан кæныны тыххæй. Уый фæдыл уынаффæ рахастой Парламенты æмбырды. Йæ фарс рахæцыдысты 55 депутаты. Дзанайты Барисы кандидатурæ æркæсынмæ бахаста республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд загъта, афтæмæй ног хицауад нысангонд цæудзæн дыууæ мæйы дæргъы. Стæй ма фæзындзæн æртæ ног вице-премьеры. Структурæ дæр ивд æрцæудзæн, чи фæлхат кæны, уыцы функцитæ айсдзысты. Фыццаг бакасты хорзыл банымадтой паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проект. Документмæ гæсгæ, бæлвырд хъуамæ уа паддзахадон æвзæгтæй пайда кæныны фæтк хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты, стæй ахуырады, наукæйы æмæ культурæйы къабæзты. Депутаттæ хорзыл банымадтой, Æрыдонæн æмæ Мæздæгæн "Æфсæддон намысы цæрæн бынаты" кадджын ном раттыны закъоны проекттæ. Æмбырды ма сенатор Мамсыраты Таймураз парламенты спикер Тускъаты Таймуразæн радта Федерацийы Советы кады нысан.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026