Top.Mail.Ru
Йæ 103-æм райгуырæн бон сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Мария Амбарцумян • Выпуск 25 сентября 2026 года
Йæ 103-æм райгуырæн бон сбæрæг кодта Мæздæджы цæрæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Мария Амбарцумян. Уый фæдыл ын зæрдиаг арфæтæ ракодтой Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Геннадий æмæ парти "Иугонд Уæрæсе"-йы Фæсивæдон гвардийы уæнгтæ. Мария Мовсесовна райгуырд Бакуйы. Ахуыр кодта сомихаг скъолайы. Уый фæстæ, уæлдæр ахуырад райсынмæ бацыд математикон факультетмæ. Фæлæ йæ бæллиц нæ сæххæст. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.  Йæ хæстон азтыл дзурæг сты хуызистытæ. Сæ иу кадджын бынат бацахста Амбарцумянты бинонты хæдзары. Мария Мовсесовна радзырдта йæ мысинæгты тыххæй. Хорз æй хъуыды кæны, 1942-æм азы августы, хæст йæ тæмæны куы бацыд, уæд æрыгон чызг æмæ студенткæ уæвгæйæ Сырх æфсады рæнхъыты куыд æрлæууыд, уый. Абон та йæ гуырæн бон бæрæг кæны йе стыр æмæ хæлар бинонты хсæн.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026