Top.Mail.Ru
Абон республикæйы бæрæг кæнынц ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы гуырæн бон • Выпуск 15 октября 2026 года
Абон республикæйы бæрæг кæнынц ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы гуырæн бон. Йæ райгуырдыл сæххæст 167 азы. Уый кадæн мадзæлттæ цæудзысты Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты. Райдайдзысты дидинджытæ сæвæрынæй йæ ингæныл Ирон аргъуаны пантеоны æмæ йæ цыртдзæвæны раз Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры кæрты. Центрон парчы арæзт æрцæудзысты ацы боны кадæн Нарты хъæзтытæ. Дагестаны паддзахадон хъуымыхъхъаг музыкалон-драмон театр та ирон театры сценæмæ рахæсдзæн спектакль «Фатимæ». Поэты хæдзар-музейы уыдзæн хуызистыты равдыст «Къоста æмæ йæ алыварс адæм». Бæрæгбоны мадзæлттæ уыдзысты Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу Нары дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026