Top.Mail.Ru
Картофы ног мыггæгтæ уадзыны куыст цæуы Хæххон паддзахадон аграрон университеты зæххы хайы Фыййагдоны • Выпуск 15 октября 2026 года
Картофы ног мыггæгтæ уадзыны куыст цæуы Хæххон паддзахадон аграрон университеты зæххы хайы Фыййагдоны. Ахуыргæнæндоны селекцион центры ацы хъуыддагыл бирæ азты ахадгæйæ архайынц. Алы картофы бынæн дæр аргъ кæнынц дæсгай бæрæггæнæнмæ гæсгæ. Æмæ æрмæст уый фæстæ хуыздæр хуызæгтæ баиу кæнынц. Ног мыггаг рауадзынæн хъæуы 15 азæй фылдæр. Ацы куысты хатдзæг æрмæст мыггаджы æрмæг райсын нæу, фæлæ ма йæ фæрцы цæттæ кæнынц дæсны специалистты дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026